Бибылты Анатоли раарфæ кодта Хъазиты Мелитонæн йæ райгуырæн боны цытæн

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сæрдар Бибылты Анатоли раарфæ кодта Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитонæн йæ райгуырæн боны цытæн.

Арфæйы дзырдæуы:

 

«Цытджын Мелитон!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ сæрмагондæй мæхи номæй  арфæ кæнын дæуæн дæ райгуырæн боны цытæн!

Ацы ахсджиаг бон мæн фæнды, дæуæн куыд стыр аргъ кæнын, уый равдисын, æмæ дын Ирвæдæны æхсæнады цы стыр нысаниуæг ис, уый банысан кæнын. Ды дæ Райгуырæн бæстæйыл æнувыд патриот, фыссæг, зынгæ æхсæнадон архайæг, ды уæзгæ хайбавард бахастай ирон литературæйы рæзтмæ. Парламенты депутат уæвгæйæ ды къаддæр хъару нæ бахардз кодтай нæ паддзахады рæзты.

Зæрдæбынæй дын мæ цæст уарзы, Мелитон Резойы фырт, фидар æнæниздзинад, амонд æмæ фæрныгад дæхи сæрмагонд царды».