Гæбæраты Юри: «20 сентябры рахæсгæ уынаффæ ирон адæмæн уыди сæ хъысмæты иууыл ахсджиагдæр къахдзӕф»

 

Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ 20 сентябры рахæсгæ уынаффæ ирон адæмæн уыдис сæ хъысмæты æппæты сæйрагдæр. Уыцы бон куы нæ уыдаид, уæд абон нæ уаид Хуссар Ирыстон, æмæ, чизоны, нæдæр Цæгат Ирыстон. Уæды рахæсгæ уынаффæтæ иууылдæр дзуапп лæвæрдтой æхсæнадæмон закъӕттӕ ӕмӕ барадон нормæтæн. Зæгъгæ уӕд нӕ политиктӕ иунæг къахдзæф дæр раст нæ сарæзтой, уæд абон махӕн нӕ сӕр нӕ кой уаид ныгуылӕйнаг политикӕйы ӕндӕвдадӕй. Æмæ, æгæрыстæмæй, нæ уыдаид 26 август дæр. Уый тыххæй æмæ кæд абон ӕнæхъæн дуне, Америкæйæ зæгъай æмæ суанг Ныгуылæн Европӕйы онг фæдисы хъæр кæнынц, ома Уӕрӕсе махæн оккупаци сарӕзтой, ома Хъырым æмæ Донбасс дæр афтæ, уӕддӕр æппæт даер зонынц, фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис æмæ сæхи нæ сæттынц. Тыхджын хорз æй зонынц Хъырым Уæрæсейы зæхх кæй у, тыхджын хорз аей зонынц, Хъырымы кæй ауагътой референдум æмæ адæмы кӕй фæнды Уæрæсеимæ. Хуссар Ирыстоны дæр августы хæст чи райдыдта уый се ʿппæт дæр хорз зонынц, фæлæ сæ уæддæр хъæуы ʿфсон. 
Мæн зæгъын фæнды æмæ, зӕгъгӕ, мах 20 сентябрӕй фӕстӕмӕ иунæг документ дæр раст нæ райстам, иунæг кæдзыг кæнæ стъæлф дæр раст нæ рывæрдтам, уæд абон нӕ политикон хъысмӕт дзырдтаг уаид æнæхъæн дунейы.

РХИ-йы Парламенты депутат Гæбæраты Юри