Бибылты Анатолийы арфæ Ходы Камалæн

Нæ зынаргъ Камал!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ сæрмагондæй мæхи номæй зæрдиаг арфæ кæнын дæуæн дæ 75 азы юбилейы фæдыл!

Ирыстон æмæ ирон адæм сæрыстыр кæмæй сты, не ‘мдугонтæ сæ сæр бæрзæндты кæй ном æмæ кадæй хæссынц,  Ирыстон æмæ ирон адæмы чи фидауын кæны, уыдоны ахсджиагдæртæй иу дæ ды, нæ цытджын Камал.

Ды, куыд курдиатджын поэт, афтæ зæрдиаг æмæ æвæллайгæйæ фæлæггад кодтай ирон аив дзырды хæрзæбонæн, æмткæй мадæлон æвзаджы рæзтæн. Дæ курдиатджын удæй рантысгæ уацмыстæ сты ирон дзырдаивады хæзнадоны рæбинагдæр къуымтæй сæ иуы. Куыд гоймаг, куыд ирон фарн æмæ æгъдауыл хæст адæймаг, афтæ дæ сæрыстыр у Ирыстон, дæ фæрнджын уды фарнæй дæ раттæг адæмæн цы иузæрдион лæггад фæкодтай æмæ кæныс, уый нын дунейы стырдæр хæрзтимæ баргæ у цæгатæй хуссармæ.

Ды махæн æрмæст поэт-фæлдисæг нæ дæ, ды махæн дæ ныфсы лæг, кад æмæ намысы лæг æмæ нæ зæрдиагæй фæнды, цæмæй нырæй фæстæмæ дæр бирæ, бирæ азты зæрдæрухс, уæнгрог æмæ куыстхъомæй фæлæггад кæнай, Дунескæнæджы цæст дæ рæдауæй кæмæн бауарзта, уыцы Ирыстонæн!

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты Сæрдар                                                   Бибылты Анатоли