Æлборты Аланы арфæ Ирон æвзаджы боны цытæн

 

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Арфæ уын кæнын нæ адæмæн иууыл нысаниуæгджындæр бонтæй сæ иу – Ирон æвзаджы бонæй!

Мадæлон æвзаг у нæ рагфыдæлтæй баззайгæ национ хæзна. Фæлтæрæй фæлтæрмæ ирон æвзаг рахызт бирæ цæлхдуртыл, бирæнымæц ирæттæ бабын сты ирон æвзаджы сæрвæлтау. Нæ адæмæн иууыл зындæр рæстæджыты ирон æвзаг зæлыд бæрзонд трибунæтæй. Ирон æвзагыл дзырдтой æмæ дзурынц, фыссынц ыл интеллигенцийы æмæ ирон литературæйы иууыл раззагондæр минæвæрттæ. Уымæ гæсгæ нæ разы лæууы ацы идеологи размæ кæныны хæс, цæмæй фидæны фæлтæртæм адæттæм æрмæст зонындзинæдтæ нæ, фæлæ ма æгæрон уарзондзинад мадæлон æвзагмæ. Ирон æвзаг – нæ намыс, нæ национ культурæ, æгъдæуттæ æмæ традицитæ, нæ монон æмæ адæмон сфæлдыстад.

Ацы бон мæ уæлдай арфæ зæгъын фæнды æрвылбон дæр сæ хайбавæрд чи хæссы ирон æвзаджы рæзт æмæ размæцыдмæ, уыдонæн. Уырдæм хауынц ахуыргæнджытæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ журналисттæ. Ныфс мæ ис, цалынмæ не `хсæн уа ирон æвзагыл æнувыд чи у, ахæм æхсæнады минæвæрттæ, уæдмæ мах никуы фесафдзыстæм нæ хиæмбарынад, æгъдæуттæ, традицитæ æмæ нæ мадæлон ирон æвзаг.

Стыр  бузныг уын уæ æнувыд æмæ зæрдæбын архайды тыххæй!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Æлборты Алан