Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Резойы фырт Мелитонмæ

Цытджын Мелитон Резойы  фырт!

Айс мын мæ иууыл зæрдиагдæр æмæ хъармдæр арфæтæ дæ райгуырæн боны фæдыл!

Азтæ, куыд дæрццæгбарæн цæджындзтæ – сæ фæстæ уадзынц царды фæндаджы этаптæ. Абон ды дæ сфæлдыстадон хъаруйы тæккæ тæмæны. Уый у ахæм рæстæг, адæймаг фæстæмæ куы акæса йæ рацæугæ царды фæндагмæ æмæ йын куы саргъ кæна фæлтæрддзинады бæрзæндæй кæсгæйæ

Дæ литературон куысты тыгъдад уæрæх у. Ирон литературæйы ахæм жанр нæй, дæ барджын ныхас кæм нæ загътай: прозæ, поэзи, драматурги, публицистикæ. Дæ аивадон уацмыстау ирон чиныгкæсæджы сæхимæ æркæсын кодтой дæ бирæнымæц æмæ нуарджын монографитæ. Дæ уацмысты ирдæй равдыстай Фыдыбæстæйы истори, йæ адæмы хъысмæт, йæ ныфс, йæ цинтæ æмæ йæ хъыгтæ.

Де сфæлдыстадон куысты æмрæнхъ кæныс активон æхсæнадон куыст дæр. Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар уæвгæйæ кæддæриддæр æнкъарыс рæстæджы мидзмæлд, дæ хъус дарыс æмæ æххуыс кæныс культурæйы фадыджы архайджытæн, æппæт хъарутæй дæр архайыс, цæмæй ма сæфой æмæ фидардæр кæной нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ æмæ æргъадтæ. Ды, Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдары хæдивæг уæвгæйæ закъондæдтынады фæрцы  бирæ сарæзтай ирон культурæйы рæзтæн.

Уырны мæ, дæ уды рухс æмæ зонындзинæдтæ, адæмы хъысмæт æндавынад дæуæн фæахъаз уыдзысты ноджы ирддæр æмæ цæрдхъомдæр фæлгæндзтæ сфæлдисынæн, дæ чиныгкæсджыты зæрдæтæ барухс кæнынæн.

Ацы ахсджиаг бон дын мæ зæрдæ зæгъы, Мелитон Резойы фырт, æнæфæцудгæ хъару, уды рухс æмæ уæлтæмæн, фæрныгад æмæ ног сфæлдыстадон æнтыстытæ!

 

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты Сæрдар                                                            Бибылты Анатоли